Хуссар Иры президентон æвзæрстыты архайынц 50-йæ фылдæр журналисты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 май – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстыты дыккаг туры аккредитаци райстой 50 паддзахадон æмæ уæрæсейаг ДИФ-ы минæвæрттæ, фехъусын кодта информаци æмæ мыхуыры комитеты хистæр Хъотайты Мария.
"Ӕвзæрстытæм бафæндыд æрцæуын уæрæсейаг федералон ДИФ-ы минæвæртты, нæ коллегæты Цæгат Ирыстонæй æмæ бынæттон журналисттæ", - загъта уый.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, æппæт журналисттæ дæр рагацау райстой аккредитацитæ, уый сын фадат ратдзæн сæ куыст кæнын æнæ цæлхдуртæй.
Уый ма бафтыдта, хуыцаубоны æвзæрстытæм сæ хъус кæй дарынц паддзахадон информацийы фæрæзты 21 минæвары, 37 журналисты та рцыдысты фæсарæнтæй.
Хуссар Ирыстоны хуыцаубоны уагъд цæуы президентон æвзæрстыты дыккаг тур. Уæлдæр бынатмæ претенденттæ сты архайгæ президент Бибылты Анатолий æмæ парти "Ныхас"-ы лидер Гаглойты Алан.