ЛАР ӕмӕ УФ ӕфсад атыдтой украинӕйаг хъахъхъӕнынад ӕмӕ рахызтысты республикӕйы арӕнтӕм

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 мая — Sputnik. Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады официалон минӕвар инӕлар-майор Игорь Конашенков фехъусын кодта, Луганскы Адӕмон Республикӕйы (ЛАР) ӕфсӕдтӕ УФ Гарджын тыхты ӕххуысӕй кӕй ссыгъдӕг кодтой националисттӕй Попасная ӕмӕ атыдтой Украинӕйы хъахъхъӕнынад.

"Луганскы Адӕмон Республикӕйы Адӕмон милицийы дӕлхайӕдтӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын тыхты ӕххуысӕй ссыгъдӕг кодтой цӕрӕн пункт Попасная, атыдтой ныхмӕлӕууӕджы фидар хъахъхъӕнынад ӕмӕ рахызтысты республикӕйы административон арӕнтӕм", - хъусын кӕны Игорь Конашенковы ныхӕстӕ РИА Новости.

Уый ма банысан кодта, размӕбырсты фӕстиуӕгӕн скуынӕг кодтой 120 националисты, бронетехникӕйы 13 иуӕджы ӕмӕ 12 ӕфсӕддон хӕдтулгӕйы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.