ЦХИНВАЛ, 10 мая – Sputnik. Луганскы Адӕмон Республикӕйы (ЛАР) минӕвар Мӕскуыйы Родион Мирошник фехъусын кодта, уӕрӕсейаг регионты гӕнӕн ис бакӕной ЛАР минимум дыууӕ консулады, хъусын кӕны РИА Новости.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныртӕккӕ хъӕуы сбӕлвырд кӕнын, цы ран цӕрынц не ‘мбӕстӕгты фылдӕр хай ӕмӕ сын цы проблемӕтӕ вӕййы арӕхдӕр.
Минӕвар бафтыдта, зӕгъгӕ, развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, адӕмы фылдӕр хай цӕрынц Ростовы, Воронежы, Белгороды областты, афтӕ ма бирӕ адӕм цӕрынц Краснодар ӕмӕ Хъырымы.
"Минимум дыууӕ консулады хъуамӕ фӕзыной. Консултӕ ӕмӕ цытджын консултӕ та, кӕцытӕ кусдзысты уым, скъуыддзаг кӕндзысты нӕ республикӕйӕ лигъдӕтты проблемӕтӕ", - загъта Родион Мирошник.
Минӕвар ма фехъусын кодта, ЛАР минӕварадӕн кӕй хъӕуы сбӕрӕг кӕнын, цас адӕймаджы хъӕуы ӕххуыс ӕмӕ цы ран хъӕуы райдайын кусын.