Цхинвалы тæрхондон бафарста дыууæ æвдисæны Дзабиты Иналы хъуыддаджы фæдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 май - Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы горæты тæрхондон дыццæджы æркаст Дзабиты Иналы мæлæты фæдыл хъуыддагмæ. Рабадты рæстæджы бафарстой дыууæ æвдисæны, æртыккаг тæрхондонмæ не ʻрбацыд, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны пресс-службæйы.

"Тæрхондоны рабадт аргъæвтой, ног рабадты датæ нырма бæлвырд нæу. Абон рабадты бафарстой дыууæ æвдисæны, æртыккаг не ʻрбацыд", - загътой уым.

2020 азы августы кӕрон криминалон милицийы бафарстыты фӕстӕ амард Цхинвалы цӕрӕг Дзабиты Инал. Уӕд столицӕйы ацыд митингтӕ, цы ран адӕм домдтой бафхӕрын азымджынты. Кризисы аххосӕй отставкӕйы ацыд хицауад, депутаты иу хай сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕныны куыст ӕрурӕдтой. Лӕппуйы мӕлӕты рӕстаг сгӕрсты домӕнты фӕдыл цалдӕрмӕйон акци Театралон фӕзуаты ауагътой лӕппуйы ныййарӕг ӕмӕ йе 'мкъай, афтӕ ма уыдон фарсмӕ цы адӕм балӕууыдысты, уыдон.
Цхинвалы тӕрхондон раздӕхта прокуратурӕмӕ Дзабиты Иналы мӕлӕты фӕдыл хъуыддаг
Дзабиты Иналы хъуыддаджы фæдыл æрурæдтой криминалон милицийы кусджытæй авды, уыдонæй цыппар ивгъуыд аз сæрды рауагътой хæдзæрттæм, фæсарæнтæм ацæуыныл тобæ сæвæрдимæ.