Владимир Путин раарфӕ кодта Гаглойты Аланӕн Хуссар Иры президенты постмӕ равзарыны фӕдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 мая - Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин раарфӕ кодта Гаглойты Аланӕн Хуссар Ирыстоны президенты постмӕ равзарыны фӕдыл ӕмӕ йын йӕ цӕст бауарзта ӕнтыстытӕ, дзырдӕуы Кремлы сайтыл хъусинаджы.
"Нымайын, Дӕ архайд ацы бӕрзонд бынатыл ахъаз кӕй уыдзӕн нӕ бӕстӕты ахастытӕ дарддӕр сфидар кӕнынӕн, кӕцытӕ арӕзт сты хӕларад ӕмӕ стратегион ӕмгуыстады принциптыл", - дзырдӕуы хъусинаджы.
УФ сӕргълӕууӕг бахахх кодта, зӕгъгӕ, Уӕрӕсе дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕндзӕн Хуссар Ирыстонӕн скъуыддзаг кӕнын социалон-экономикон райрӕзты фарстытӕ скъуыддзаг кӕнынӕн, афтӕ ма националон ӕдасдзинад ӕххӕст кӕнынӕн.
Уӕрӕсейаг лидеры цӕст бауарзта Гаглойты Аланӕн ӕнтыстытӕ, фидар ӕнӕниздзинад ӕмӕ хӕрзӕбон.