Гаглойты Алан йæ хъуыды загъта УФ скондмæ бахизыны тыххæй референдум ауадзыны фæдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы скондмæ бахизыны фæдыл референдум ауадздзæн, куыддæр йæ рæстæг æрцæуа, афтæ, загъта президентон æвзæрстыты фæуæлахизуæвæг Гаглойты Алан.

"Мах лæмбынæг нæ хъус дарæм, цыдæриддæр геополитикон цаутæ цæуынц, уыдонмæ. Ӕмбарæм æй, Уæрæсейы Федераци кæй уадзы сæрмагонд операци Украинæйы неофашистты ныхмæ", - загъта уый йæ интервьюйы телеканал "Россия 24"-йæн.

Гаглойты Алан бахахх кодта, Хуссар Ирыстон кæддæриддæр цæттæ кæй уыд æмæ абон дæр кæй у Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуынмæ.
"Махмæ ныридæгæн уыд цалдæр референдумы. Мах цæттæ стæм ауадзын референдум, нæ дарддæры къахдзæфтыл Уæрæсеимæ æруынаффæ кæнгæйæ", - балхынцъ кодта уый.
Паддзахадон думæ 17 майы сратификаци кæндзæн Хуссар Иримæ дывæр æмбæстагады фæдыл бадзырд
Марты кæрæтты президент Бибылты Анатолий фехъусын кодта, Хуссар Ирыстон кæй хъавы саразын юридикон къахдзæфтæ УФ скондмæ бахизыны фæдыл æмæ банысан кодта, референдум ауадзыны хъуыддаг кæй нæ хъæуы æргъæвын.
Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстыты дыккаг туры фӕуӕлахиз парти "Ныхас"-ы раздзон Гаглойты Алан. ЦӔК развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Гаглойты Алан райста хъӕлӕсты 54,2 проценты. Уымӕн схъӕлӕс кодтой 15 867 ӕмбӕстаджы. Кӕройнаг бӕрӕггӕнӕнтӕ ЦӔК фехъусын кӕндзӕн 11 майы.