Кӕд уӕ исчи хӕхты балцы цыдис, уӕд ӕй хорз зоны, цы зындзинӕдтимӕ фембӕлдзӕн уыцы фӕндагыл. Фӕлӕ стыр фӕндон куы уа фенын рӕсугъддӕр бынӕттӕ, уӕд уыцы зындзинӕдтыл адӕймаг фӕхъӕцы. Хуссар Ирыстоны ӕрдз у диссаджы рӕсугъд.
Хӕхтӕм дардӕй дӕр куы фӕлгӕсай, уӕддӕр сӕ бирӕгъуызон ахорӕнтӕ ӕвӕлмасӕй нӕ ныууадзынц адӕймаджы. Алы бӕстӕйӕн дӕр ис йӕхи иууыл зындгондӕр хай, цӕмӕ гӕсгӕ йӕ базонынц, цы бӕстӕйыл цӕуы дзырд, уый. Хуссар Ирыстоны ахӕм бӕрӕггӕнӕн бынæттӕ цалдӕр сты.
Хъелы цад. Исчи мӕ куы бафӕрсид, уӕд зӕгъин, ӕмӕ ацы цад у Ирыстоны рӕсугъддӕр бӕрӕггӕнӕн. Цы ран ис Хъелы цад, куыд ӕм хъӕуы цӕуын ӕмӕ йӕ уникалондзинад цӕй мидӕг ис, уый тыххӕй хъусут нӕ алӕвӕрды.