Хуссар Иры хӕдтулгӕ сӕмбӕлд трассӕйы гӕрӕныл, шофыры бакодтой рынчындонмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 май – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны дыццӕджы изӕры ӕрцыд фӕндагон-транспортон цау (ФТЦ), кӕцыйы фӕстиуӕгӕн хъыгдард баййӕфта республикӕйы 44-аздзыд сылгоймаг, фехъусын кодтой Sputnik РХИ Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы.
Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, фӕндагон цау ӕрцыд Рук-Дзау фӕндаджы 22-ӕм километрыл.
"Знауыры 44-аздзыд цӕрӕг сылгоймаг Toyota Ipsum-ыл нӕ сырӕхст скъӕрын ӕмӕ сӕмбӕлд бетонон парапетыл", - загътой МХМ.
ФТЦ фӕстиуӕгӕн шофыры алыхуызон буары цӕфтимӕ бакодтой Республикон бирӕпрофилон медицинон центрмӕ. Сылгоймагӕн сарӕзтой операци, ныртӕккӕ ис медикты хъусдарды бын.
Хуссар Иры хӕдтулгӕ сӕмбӕлд трассӕйы гӕрӕныл, шофыры бакодтой рынчындонмӕ