ЦХИНВАЛ, 11 май — Sputnik. Уæрæсейы Паддзахадон думæ 17 майы хъавы сратификаци кæнын Хуссар Ирыстонимæ дывæр æмбæстагады фæдыл бадзырд, хъусын кæны æртыццæджы "Известия".
Паддзахадон думæйы ХПЦ хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Леонид Калашниковы ныхæстæм гæсгæ, дывæр æмбæстагады фæдыл законы проект ис Паддзахадон думæйы боны фæткы.
"Ныфс мæ ис, æппæт фракцитæ дæр ыл кæй сразы уыдзысты. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, фæахъаз уыдзæн нæ бæстæты æнгом кæнынæн", - загъта парламентарий.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, законы проектыл Федералон æмбырды быннаг палатæйы æппæт фракцитæ куы сразы уой, уæд уый фенгомдæр кæндзæн Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы экономикон æмгуыстады фадыджы.
Бадзырдмæ гæсгæ, "иу бæстæйы цæрджытæн сæ бон у, цæмæй се 'мбæстагадæй ма рацух кæной сæхи, афтæмæй райсой æндæр бæстæй æмбæстагад". Уымæй дарддæр ма дыууæ бæстæйы æмбæстæгтæн сæ бон у æфæсæддон слæжбæ хæссын, æдзух кæм цæрынц, уым.
Уæрæсейы æмбæстагад хуымæтæгдæр режимы райсын йæ бон у алкæцы æмбæстагæн дæр, кæцыйыл сæххæст ис 18 азы.
14 азы кары онг сывæллæттæ дæр исдзысты сæ ныййарджытау æмбæстагад.