Хъамболты Тамерлан: ирон ӕвзагыл иумӕйаг ахуырад фӕахъаз уыдзӕн мадӕлон ӕвзаджы райрӕзтӕн

Sputnik
Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бон ӕрвыл аз дӕр нысан кӕнынц 15 майы. Ацы бон 1899 азы мыхуыры рацыд гениалон поэт Хетӕгкаты Къостайы "Ирон фӕндыр". Фӕстаг рӕстӕджы ирон адӕмы раз ӕрлӕууыд вазыгджын проблемӕ – мадӕлон ӕвзаг бахъахъхъӕнын. Цы мадзӕлттӕ цӕуы ист ацы проблемӕ аиварс кӕныны тыххӕй, цы хъӕуы саразын, цӕмӕй ирон ӕвзаг рӕза, уый тыххӕй радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры йӕ хъуыды загъта филологон зонӕдты дохтыр, профессор Хъамболты Тамерлан.
"Цӕгат Ирыстон-Аланийы фидар ӕрцыд сӕрмагонд программӕ ирон ӕвзаг ӕмӕ национ культурӕйы райрӕзты тыххӕй. Уыцы программӕйӕн ис дыууӕ дӕлпрограммӕйы: фыццаг у – этнокультурон райрӕзт; дыккаг та – ирон ӕвзаг фервӕзын кӕнын ӕмӕ бахъахъхъӕнын", - радзырдта профессор.
Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, хуссары дӕр ӕмӕ цӕгаты дӕр, ирон ӕвзагыл иумӕйаг ахуырад фӕахъаз уыдзӕн йӕ райрӕзтӕн.
"Хъуамӕ ахсджиаг хъуыддагыл банымайӕм, цӕмӕй иумӕйаг ахуырад цӕуа ирон ӕвзагыл, уӕд ӕвзаг ӕцӕг рӕздзӕн ӕмӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ размӕ цӕудзӕн", - банысан кодта Тамерлан Таймуразы фырт.
Хъамболты Тамерлан фидарӕй ӕууӕнды – ӕвзаг бахъахъхъӕныныл практикон мадзӕлттӕ хъӕуы исын ӕмӕ уыдон парахат кӕнын.