ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik. Уӕрӕсейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры (ФХМ) сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Сергей Рябков фехъусын кодта, Мӕскуы кӕй нӕ басӕтдзӕн Финлянди ӕмӕ Швецийы бахызтыл НАТО-мӕ. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Финлянди ӕмӕ Швецийы бахызт НАТО-мӕ у рӕдыд, кӕцыйӕн фидӕны уыдзӕн фӕстиуджытӕ.
Хуыцаубоны Швецийы къухдариуӕггӕнаг социал-демократон парти фехъусын кодта, кӕй нывӕндынц бадӕттын куырдиат НАТО-йы уӕнг суӕвыны фӕдыл, афтӕмӕй уыдон банысан кодтой, Швеци кӕй не ‘руадздзӕн сӕвӕрын йӕ территорийыл ядерон хӕцӕнгарз ӕмӕ ӕфсӕддон базӕтӕ. Хуыцаубоны ма Финлянди дӕр аскъуыддзаг кодта бахизын Цӕгататлантикон альянсмӕ. ДИФ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Швецийы хицауад бацӕттӕ кодта фыстӕг-куырдиат НАТО-мӕ, уый нывӕндынц арвитын Финляндийы куырдиатимӕ иумӕ.
"Брюсселы, Вашингтоны ӕмӕ НАТО-йы ӕндӕр столицӕты хъуамӕ иллюзитӕ ма уа, мах ацы хъуыддагыл кӕй басӕтдзыстӕм. Ӕфсӕддон ӕндыгъд уавӕры ӕмвӕзад фӕфылдӕр уыдзӕн, рагзӕгъынад та ацы фадыджы фӕкъаддӕр уыдзӕн", - загъта Сергей Рябков.
Дипломат бафтыдта, зӕгъгӕ, уый у радон уӕззау рӕдыд, кӕцыйӕн фидӕны уыдзӕн фӕстиудлжытӕ.
"Цы саразӕм? Ахӕм у гоймӕгты ӕмвӕзад, кӕцытӕ исынц политикон скъуыддзӕгтӕ ӕмбӕлон бӕстӕты", - бахахх кодта Рябков.
Финлянди ӕмӕ Швеци райдыдтой дзурын сӕ бирӕазон нейтралитет аиуварс кӕнын ӕмӕ НАТО-мӕ бахизыныл уӕрӕсейаг сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕны фӕстӕ. Альянсы сӕргълӕууӕг Йенс Столтенберг хъусын кодта, зӕрдиагӕй кӕй райсдзысты Финлянди ӕмӕ Швецийы. НАТО ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ацы бӕстӕтӕ кӕй райсдзысты хӕдбар скъуыддзӕгтӕ альянсмӕ бахизыны фӕдыл ӕввахс "мӕйтӕ ӕмӕ къуыриты", фехъусын кодта АИШ ӕххӕстбар минӕвар НАТО-йы Джулианн Смит.