Донецкы Адӕмон Республикӕйы тыхтӕ ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Дробышево

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 мая — Sputnik. Донецкы Адӕмон Республикӕйы (ДАР) Адӕмон милици йӕ Telegram-каналы фехъусын кодта цӕрӕн пункт Дробышево ссӕрибар кӕныны тыххӕй.
"Донецкы Адӕмон Республикӕйы ӕфсӕддонтӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын тыхтимӕ иумӕ дарддӕр сӕрибар кӕнынц украинӕйаг оккупанттӕй нӕ Республикӕйы цӕрӕн пункттӕ, ссӕрибар кодтам Донецкы областы радон цӕрӕн пункт Дробышево", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, ивгъуыд суткӕйы дӕргъы ӕфсӕддонтӕ скуынӕг кодтой 34 украинӕйаг националисты, 120-мм минометы ӕртӕ ӕхсыны позици, ӕртӕ хӕстон хӕдтулгӕйы ӕмӕ цыппар уӕзласӕн транспортон фӕрӕзы. Бацахсын бантыст иу БМП ӕмӕ дыууӕ хӕстон хӕдтулгӕйы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.