Хуссар Иры сӕнӕзианхъом кӕндзысты хӕстӕрмӕджытӕ, кӕцытӕ ссардтой Зары хъӕумӕ хӕстӕг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 май – Sputnik. Цхинвалы районы Зары хъӕумӕ ӕввахс ссардтой хӕстӕрмӕджытӕ, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады пресс-службӕ.
Уагдоны радзырдтой, тӕссаг ссарӕггаджы фӕдыл хъусинаг сӕм кӕй бацыд дыццӕджы райсомӕй.
"Уӕлвӕткон уавӕрты министрады сапертӕ басгӕрстой хӕстӕрмӕджытӕ ӕмӕ сӕ аластой полигонмӕ, цы ран уыдон ӕрцӕкдзысты куынӕг", - радзырдтой пресс-службӕйы.
Хуссар Иры ӕдзӕрӕг хъӕууон хӕдзары ссардтой рӕмудзӕн ӕрмӕг ӕмӕ нӕмгуытӕ