Хуссарирыстойнаг каратисттӕ ӕрхастой майданты рӕдзӕгъдтӕ Дзӕуджыхъӕуӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 май – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвайлаг ӕрыгон каратисттӕ ӕрхастой 14 хорзӕхы хӕстон аивӕдты хъӕзтытӕй Цӕгат Ирыстонӕй. Тренер Созаты Владимир куыд фехъусын кодта журналисттӕн, афтӕмӕй каратэйы (киокусинкай) скъолайы хъомылгӕнинӕгтӕ рамбылдтой фондз сыгъзӕрин, фондз ӕвзист ӕмӕ цыппар бронзӕйон майданы.
Ерысты Хуссар Ирыстоны кад хъахъхъӕдтой 24 спортсмены 6 азӕй 15 азы онг кары категориты.
Хуссарирыстойнаг каратисттӕ ӕрхастой майданты рӕдзӕгъдтӕ Дзӕуджыхъӕуӕй
Тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, фыццаг бынӕттӕ рамбылдтой Джиджджойты Инга, Ангелина Агаджанян, Джиджджойты Анна, Тедеты Хетӕг ӕмӕ Цхуырбаты Анна.
"Уӕлахизмӕ ма иу къахдзӕфыл фӕкъуыхцы сты Гуыззыттаты Дзамболат, Джиоты Барсӕг, Цхуырбаты Алан, Цыбырты Настя ӕмӕ Тедеты Анна. Кады пьедесталы ӕртыккаг къӕпхӕнмӕ та схызтысты Пухаты Дауыт, Асаты Денис, Уртаты Диана ӕмӕ Асаты Зӕринӕ", - ранымадта уый.
Тренер ма банысан кодта, спортсменты фылдӕр хай кӕй уыдысты ӕвӕлтӕрд, уыдон нырма тренировкӕ кӕнынц ӕрмӕстдӕр дыууӕ азмӕ ӕввахс.
"Иууылдӕр сӕхи равдыстой хорз, райстой хорз фӕлтӕрддзинад. Хистӕр спортсментӕ ӕвзӕрст ӕрцыдысты Цӕгат Иры ӕмбырдгонды скондмӕ ӕмӕ хайад райсдзысты Хӕстон аивӕдты XIV ӕппӕтуӕрӕсейон хъӕзтыты, кӕцытӕ ацӕудзысты ацы аз сентябры Анапӕйы", - загъта Созаты Владимир.
Хуссарирыстойнаг каратисттӕ ӕрхастой майданты рӕдзӕгъдтӕ Дзӕуджыхъӕуӕй
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, 19-29 августы Мӕскуыйаг областы цӕудзысты ахуырадон-цӕттӕгӕнӕн рӕвдзытӕ Уӕрӕсейы ӕмбырдон командӕйӕн, уыдоны хайад райсыны фадат радтой хуссарирыстойнаг спортсменкӕтӕн дӕр.