Наниты Сослан: коронавирус нырма ӕдас формӕмӕ нӕ ахызт

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Коронавирусы инфекци ӕдас кӕй ссис, науӕд рогдӕр формӕтӕм кӕй ахызт, уымӕн медицинон бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕй, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан.
Уӕрӕсейы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады специалисттӕ рагзагъд кӕнынц коронавирусы ног апарахат сӕрды райдианы. Ивгъуыд ӕзты Уӕрӕсейы низы апарахат гом арӕнты уавӕры цыбыр ӕмгъуыдмӕ фӕхӕццӕ Хуссар Ирыстонмӕ дӕр.
"Уӕрӕсейы специалисттӕ разагъд кӕнынц июны низы ног апарахат, уый бӕттынц фылдӕр бӕрцӕй адӕмӕн сӕ иммунитеты уавӕримӕ. Цӕрджыты фылдӕрӕн ногӕй фӕрынчынӕй тас у", - загъта министр.
Уый ма бафиппайдта, вацинаци дӕр кӕй цӕуы фӕстиӕдтимӕ.
"Ныр дӕр нӕм ис коронавирусы ныхмӕ вакцинӕ, фӕстӕдӕр райсдзыстӕм ног парти", - бафтыдта Наниты Сослан.
Министр ма банысан кодта, коронавирусы ног апарахат кӕй у прогноз, ома бӕлвырдӕй зӕгъӕн нӕй, низ та сног уыдзӕн ӕви нӕ.
Цхинвалы ӕрурӕдтой коронавирусӕй рынчынты исӕн хайады куыст