Паддзахадон думӕ сратификаци кодта Хуссар Иримӕ бадзырд дывӕр ӕмбӕстагады фӕдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 май – Sputnik. Уæрæсейы Паддзахадон думæ сратификаци кодта Хуссар Ирыстонимæ дывæр æмбæстагады фæдыл бадзырд цыппæрæмы рабадтыл, хъусын кæны РИА Новости.
Бадзырд йæ тыхы бацæудзæн ратификацион грамотæтæ баивыны фæстæ.

"Бадзырд архайдзæн фондз азы дæргъы æмæ автоматикон æгъдауæй адарддæр уыдзæн ноджы фондзазон æмгъуыдмæ, кæд æмæ фарсытæй иу иннæмæн æхсæз мæй раздæр нæ фехъусын кæна дипломатон каналты уылты бадзырды архайд æрлæууын кæныны тыххæй, уæдмæ", - дзырдæуы хъусинаджы.

Бадзырдмæ гæсгæ, "иу бæстæйы цæрджытæн сæ бон у, цæмæй се 'мбæстагадæй ма рацух кæной сæхи, афтæмæй райсой æндæр бæстæй æмбæстагад".
Уымæй дарддæр ма дыууæ бæстæйы æмбæстæгтæн сæ бон у æфæсæддон слæжбæ хæссын, æдзух кæм цæрынц, уым.
Уæрæсейы æмбæстагад хуымæтæгдæр режимы райсын йæ бон у алкæцы æмбæстагæн дæр, кæцыйыл сæххæст ис 18 азы. 14 азы кары онг сывæллæттæ дæр исдзысты сæ ныййарджытау æмбæстагад.