Уӕрӕсейы артиллери у суткӕмӕ скуынӕг кодта Украинӕйы ӕфсӕдты 295 лӕууыны бынаты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 май – Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы ракетон ӕфсӕдтӕ ӕмӕ артиллерии у суткӕмӕ скуынӕг кодтой Украинӕйы Гарзджын тыхты ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ техникӕйы 295 лӕууыны бынаты. Уый тыххӕй фехъусын кодта Уӕрӕсейы Хъхахъхъӕнынады министрады официалон минӕвар инӕлар-майор Игорь Конашенков.
"Ракетон ӕфсӕдтӕ ӕмӕ артиллери скуынӕг кодтой Украинӕйы ӕфсады фӕткдаруаты ӕхсӕз пункты, ӕфсӕддонты ӕмӕ техникӕйы 295 лӕууыны бынаты, 43 артиллерион ӕмӕ минометон дӕлхайады ӕхсыны бынӕтты ӕмӕ радиоэлектронон тохы дыууӕ станцы", - загъта Конашенков.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 172 хӕдтӕхӕджы, 125 вертолеты, 942 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 313 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 3158 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 395 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 1562 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 3026 иуӕджы.