Екатеринбурджы уӕззау атлетикӕйы ерысты ирон атлет Кӕсӕбиты Майрӕм райста фыццаг бынат. Йӕ тренер Кӕсӕбиты Иналы ныхӕстӕм гӕсгӕ, 73 килограммы уӕзы рамбылта сыгъзӕрин майдан, уый систа 263 килограммы уæз.
"Ацы ерысты фӕстӕ райдайдзыстӕм цӕттӕ кӕнын спартакиадӕмӕ. Хорз физикон формӕйы ис, йӕ бон уыд ацы ерысты ноджы хуыздӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ равдисын", - загъта Инал.
Тренер куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ Майрӕмы хъӕуы ныр уӕз баппарын, цӕмӕй рахиза стырдӕр уӕзы категоримӕ. Кæсæбиты Инал ма банысан кодта, ерысты рӕстӕджы Майрӕм кӕй ӕххӕст кодта тӕрхонгӕнӕджы хӕстӕ дӕр.
"Ерысты уӕлдай хуыздӕр йӕхи чи равдисы, уыдон рахицӕн кӕнынц ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Майрӕмы дӕр аккагыл банымадтой, цӕмӕй йӕ тӕрхон кӕнынмӕ бауадзой", - бафиппайдта тренер.
Кӕсӕбиты Иналы ныфс ис, йӕ хъомылгӕнинаг кӕй равдисдзӕн дарддӕр дӕр хорз фӕстиуджытӕ.