Чи æрцæудзæн Хуссар Ирыстоны ног президенты инаугурацимæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 май – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ног равзæрстгонд президент Гаглойты Аланы инаугурацийы церемонимæ æрцæудзысты делегацитæ Уæрæсе, Абхаз, Никарагуа æмæ æндæр къорд хæларадон бæстæтæй, фехъусын кодта президенты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Джуссойты Алан.
Президенты инаугурация ацæудзæн дыццæджы, 24 майы, Паддзахадон драмон театры сценæйыл Цхинвалы.
"Цытджын церемонийы хайад райсыны тыххæй республикæмæ æрцæудзысты Уæрæсейы делегаци фæсарæйнаг бæстæты æхæнрегионалон æмæ культурон бастдзинæдты фæдыл президенты управленийы хистæр Игорь Масловы сæргълæудæй. Делегацийы сконды ма сты экономикæйы министры хæдивæг Дмитрий Вольвач æмæ сенатор Фарит Мухаметшин", - радзырдта Джуссойты Алан.
Цхинвалмæ æрцæудзæн Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр.
Уымæй дарддæр ма церемонийы хайад райсдзысты Луганскаг æмæ Донецкаг Адæмон республикæты делегацитæ - æддагполитикон уагдæтты сæргълæуджытæ Владислав Дейнего æмæ Наталья Никонорова. Афтæ ма семæ уыдзæн ДАР Адæмон советы сæргълæууæг Владимир Бидевка.
Паддзахады сæргълæууæджы инаугураци бабæрæг кæндзæн Абхазы вице-президент Бадра Гунба дæр, Хæххон Карабахы ФХМ сæргълæууæг Давид Бабаян, Никарагуайы минæвар Уæрæсейы Альба Асусена Торрес æмæ æндæр уазджытæ.
Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстыты дыккаг тур ацыд 8 майы. Хъæлæскæнынады фæстиуæгæн рамбылдта парти "Ныхас"-ы лидер Гаглойты Алан 56,09 процентимæ, архайгæ президент Бибылты Анатолий райста 40,90 проценты.