ЦХИНВАЛ, 23 мая – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны столицӕйы уагъд цӕуы Гаглойты Аланы президентмӕ бахизыны цытджын церемонийы репетици.
Паддзахады сӕргълӕууӕджы инаугураци ацӕудзӕн дыццӕджы, 24 майы. Ног президент ард бахӕрдзӕн Паддзахадон драмон театры залы.
Организатортӕ лӕмбынӕгӕй бакуыстой бӕрӕгбонон мадзалы нывӕзтыл – цытджын караулы рацыд, тырыса ӕмӕ Конституцийы рахаст. Хайадисджытӕн алкӕмӕндӕр фехъусын кодтой инструкцитӕ.
Церемони ӕвдыст цӕудзӕн паддзахадон телеуынынады эфиры.