Тыбылты Георгий ссис Поддубныйы лигӕйы бронзӕйон чемпион грекаг-римаг хъӕбысхӕстӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 май — Sputnik. Ирон спортсмен Тыбылты Георгий ссис бронзӕйон хорзӕхы хицау Поддубныйы Хъӕбысхӕстон лигӕйы турниры. Уый тыххӕй хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны Спорты министрады пресс-службӕ.
"Грекаг-римаг стилы турниры Тыбылты Георгий рамбылдта бронзӕйон майдан 60 кг онг уӕзы категорийы", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Поддубныйы хъӕбысхӕстон лигӕ - егъау ерыстӕ спортивон хъӕбысхӕсты алы хуызтӕй. Турнир ацыд 19-20 майы Мӕскуыйы. Ерысты нывӕзты уыдысты хъӕбысхӕсты олимпиаг стильтӕ - уӕгъдибар, грекаг-римаг, сылгоймӕгты, афтӕ ма грепплинг ӕмӕ панкратион.