Хуссар Иры нысан кӕнынц Славяйнаг фыссынад ӕмӕ культурӕйы бон

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 мая — Sputnik. Ӕрвылаз дӕр 24 майы Уӕрӕсейы ӕмӕ къорд ӕндӕр бӕстӕйы нысан кӕнынц Славяйнаг фыссынад ӕмӕ культурӕйы бон. Бӕрӕгбоны фӕдыл Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты дӕр ацӕудзӕн цытджын мадзал.
Афтӕ ма Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры дӕр ацӕудзӕн ӕхсӕнадӕмон культурон проект "Музыкӕйы ӕзвагыл".
Бӕрӕгбон ӕрӕмных кодтой сыгъдӕг Кирилл ӕмӕ Мефодийы номарӕн бонмӕ, кӕцытӕ сарӕзтой алфавит ӕмӕ бындур ӕрӕвӕрдтой славяйнӕгты фыссынадӕн.
Кирилл ӕмӕ Мефодий уыдысты ӕфсымӕртӕ, гректӕ, горӕт Солунӕй (Фессалоники) рацӕуджытӕ, уыдысты византиаг ӕфсӕддон къухдариуӕггӕнӕджы бинонтӕй.
Уыдон сарӕзтой славяйнаг ӕвзагыл текстты корпус, кӕцыйы дзырд цыд чырыстон дунейы сӕйраг нормӕтыл, афтӕ ма литературон ӕвзаг дӕр, кӕцы грекаг ӕмӕ латинаг ӕвзӕгты бӕрзонд ӕмвӕзадыл лӕггад кодта славяйнаг ӕхсӕнады цардуаджы алы къабазӕн дӕр.
Кирилл ӕмӕ Мефодийы бынтӕ стыр хайбавӕрд бахастой Уӕрӕсейы, Украинӕйы, Беларусы, Чехийы, Хорватийы ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Ирыстоны культурӕмӕ.