ЦХИНВАЛ, 25 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы Славяйнаг фыссынады боны цытӕн ацыд уӕрӕсейӕг зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ музыкантты концерт. Мадзал арӕзт ӕрцыд ӕхсӕнадӕмон проект "На языке музыки"-йы фӕлгӕтты.
Концерт адих кодтой ӕртӕ хайыл - уӕрӕсейаг романс, адӕмон зарӕг ӕмӕ хоры ралӕудтӕ.
"Нӕ концерт у спектакль уарзондзинады тыххӕй райгуырӕн бӕстӕмӕ, уырыссаг дунемӕ, арӕзт у ӕртӕ хаййӕ. Равзаргӕ романсӕй райдайдзыстӕм, стӕй абугъдзӕн адӕмон зарӕджы суадон, ӕмӕ базонгӕ кӕндзыстӕм хоры традицитимӕ", - загъта мадзалы амонӕг, ансамбль "Россия" музыкант.
Фыццаг Хуссар Ирыстоны публикӕйы раз ралӕууыд трио "Реликт". Айзӕлдысты гитарӕйы мыртӕ ӕмӕ сгуыхт артистты хъӕлӕстӕ.
Концерт
© Sputnik / Natalia Airiyan
Уыдон фӕстӕ сценӕ бацахста Зыкинайы номыл ансамбль "Россия"-йы квинтет. Фӕстӕдӕр сӕм бамбал ис Уӕрӕсейы адӕмон артисткӕ Надежда Крыгина. Кӕройнаг ралӕудтӕ уыд Сретенаг моладзандоны нӕлгоймӕгты хорӕн.
Концерт бацӕттӕ кодта Уӕрӕсейы культурӕйы министрад Россотрудничествойы минӕвӕрады ӕххуысӕй.
Концерт
© Sputnik / Natalia Airiyan