Уæрæсейы Федерацийы Советы ацæудзæн ХИПУ презентаци - ректор

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 май — Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы Советы ацæудзæн Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты (ХИПУ) презентаци, фехъусын кодта ахуырадон уагдоны ректор Тедеты Вадим.
Тедеты Вадим хайад исы УФ Федсовет æмæ Хуссар Иры парламенты хсæн æмгуыстады фæдыл къамисы куысты Мæскуыйы. Рабадты рæстæджы бафыстæуыд æмгуыстады фæдыл бадзырд ХИПУ æмæ Вернандскийы номыл Хъырымы федералон университеты хсæн.
Ректоры ныхæстæм гæсгæ, къамисы уæнгтæ æвæрццаг аргъ скодтой Федерацийы Советы ХИПУ-йы презентаци ауадзыны фæндæн.
"Мадзал æвæццæгæн ацæудзæн ацы аз фæззæджы ХИПУ 90 азы сæххæсты цытæн", - загъта Тедеты Вадим.
ХИПУ банысан кӕндзӕн 90-азон юбилей егъау мадзӕлттӕй