ЦХИНВАЛ, 26 май — Sputnik. Луганскы Адæмон Республикæйы минæвар Уæрæсейы Родион Мирошник фехъусын кодта, аст минмæ æввахс украинæйаг æфсæддоны сæхи кæй радтой амынæты донбассаг республикæты.
"Уацайрæгтæ бирæ сты. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдоны нымæц фылдæр у Донецкы Адæмон Республикæйы территорийыл, фæлæ дзы махмæ дæр бирæ ис. Ныртæккæ иумæйаг цифрæ у аст минмæ æввахс. Алы бон сæм бафтауынц сæдæгай æфсæддонтæ", - хъусын кæны Мирошникы ныхæстæ РИА Новости.
Дипломат бафтыдта, зæгъгæ, уацайрæгтæ æмæ фæмардуæвджыты нымæц фылдæр кæндзæн.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.