Экономист: паддзахадты фылдӕрӕн ӕнӕ валютӕйы конвертацийӕ сӕ бон не суыдзӕн балхӕнын мӕнӕу

Sputnik
Уӕрӕсейы Федерацийы мӕнӕуы экспортерты цӕдис бахатыд Ценралон Банкмӕ, цӕмӕй бакусой фӕсарӕйнаг ӕлхӕнджытӕ сомтӕй фидыны уавӕртыл. Уӕрӕсейаг экономист Евгений Надоршины хъуыдымӕ гӕсгӕ, кӕцыдӕр бӕстӕтӕ, чи нӕ расидт санкцитӕ Уӕрӕсейы ныхмӕ, уыдонӕн сӕ бон у ацы фарст ӕвӕрццагӕй аскъуыддзаг кӕной.
"Зӕгъӕм Египет нывӕнды карта "Мир"-ы уылты бакӕнын хыгъдтӕ, ӕмӕ уыцы фиддонты ӕхсӕн мӕнӕу дӕр уыдзӕн. Египет у иуыл стырдӕр уӕрӕсейаг мӕнӕу ӕлхӕнджытӕй сӕ иу", - загъта Надоршин.
Эксперты ныхӕстӕм гӕсгӕ, алы хатт дӕр уый уыдзӕн бадзырдмӕ гӕсгӕ бӕстӕтӕ ӕмӕ банкты ӕхсӕн.
"Ацы проблемӕйы сӕйраг фарст уыдзӕн – кӕцӕй райсдзысты уӕрӕсейаг сомтӕ уыцы бӕстӕтӕ, кӕд, зӕгъӕм, Египет бакӕна карта "Мир", уӕд уым тымбыл кӕндзӕн сомтӕ ӕмӕ ницы къуылыпмыдзинӕдтӕ уыдзӕн. Фӕлӕ паддзахадты фылдӕрӕн ӕнӕ валютӕйы конвертацийӕ не суыдзӕн сӕ бон балхӕнын мӕнӕу", - банысан кодта Евгений.
Лӕмбынӕг дӕр хъусут аудиоӕрмӕджы.