Дзӕуджыхъӕуы ӕртӕаздзыд сывӕллон рахауд рудзынгӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 июн — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы ӕртӕаздзыд чызг рахаудта фӕндзӕм уӕладзыгыл фатеры рудзынгӕй, хъусын кӕны цыппӕрӕмы республикӕйы МХМ. Цауы бынатмӕ ӕрбацӕуӕг полицийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой, хатӕны ӕнӕ хистӕрты хъусдардӕй баззайӕг сывӕллон сбырыд рудзынгмӕ, анцой кодта москитон хызыл ӕмӕ рахаудта рудзынгӕй.
"Чызджы фӕхӕццӕ кодтой Сывӕллӕтты республикон рынчындонмӕ, уый райста сӕры магъзы уӕззау цӕфтӕ ӕмӕ бирӕнымӕц стджыты цъӕлтӕ. Сывӕллонӕн кӕнынц ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг медицинон ӕххуыс, йӕ уавӕр дохтыртӕ хонынц уӕззау", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Барадхъахъхъӕнӕг органты минӕвӕрттӕ ныридӕгӕн сгарынц ӕнамонд хабары лыстӕг хӕйттӕ.