Кад хъайтарæн. Кортиаты Иналы мæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой УФ Æхсардзинады орденæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 июн - Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Уæрæсейы президент Владимир Путины барамындæй Хуссар Ирыстоны æмбæстаг Кортиаты Иналы мæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой Æхсардзинады орденæй хъæбатырдзинад равдисыны тыххæй.
Кортиаты Иналы мæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой УФ Æхсардзинады орденæй
Уæрæсейаг 4-æм гвардейон æфсæддон базæйы взводы командæгæнæг фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы апрелы.
Хъайтары бинонтæн хорзæх радта Уæрæсейы минæвар республикæйы Марат Кулахметов.
Кортиаты Иналы мæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой УФ Æхсардзинады орденæй
"Йæ цардвæндаг баст уыд Уæрæсейы Гарзджын тыхтимæ. Уый уыд хъайтар, нæ тарст знагæй, æмæ фæмард куыд хъайтар. Мах æй алыхатт дæр хъуамæ хъуыды кæндзыстæм. Ахæм хъайтартæ кад кæнынц сæ райгуырæн бæстæйæн", - загъта минæвар фæмардуæвæджы идæдз, мад æмæ сывæллæттæн.
Марат Кулахметов хорзæх радта хъайтары чызгæн.
Кортиаты Иналы мæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой УФ Æхсардзинады орденæй