ЦХИНВАЛ, 2 июн — Sputnik.Уӕрӕсейаг авиаци иу бонмӕ скуынӕг кодта 240 ӕввахс украинӕйаг националисты ӕмӕ техникӕйы 39 иуӕджы, фехъусын кодта Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады официалон минæвар инæлар-майор Игорь Конашенков.
"Æдæппæт авиацийы фæцæфты фæстиуæгæн куынæг æрцыдысты 240 онг националисты, украинæйаг æфсæддон техникæ æмæ хæстæрмæджыты 39 иуæджы", - хъусын кæны инæлар-майоры ныхæстæ РИА Новости.
Афтæ ма уый фехъусын кодта, оперативон-тактикон, æфсæддон æмæ æнæпилотон авиаци кæй скуынæг кодта фæткдаруаты, техникæ æмæ æфсæддонты 15 районы. Конашенковы ныхæстæм гæсгæ, пырх æрцыдысты Украинæйы æфсады хæстæрмæджыты æмæ æртаджы æфтауцтæ Донецкы адæмон республикæйы цæрæн пукнттæ Долина æмæ Славянскы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.