Транскам сæхгæдтой сæрмагонд барамынды онг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 июн — Sputnik. Транскавказаг автомагистраль сæхгæдтой майрæмбоны трассæйы хуссарирыстойнаг фарс дуртæ æркалыны куыстыты тыххæй, хъусын кæны республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
Уый размæ уагдоны хъусын кодтой, куыстытæ уагъд кæй цæуынц трассæйы 55-æм километрыл, цæрæн пункт Ручъы районы.
"Транскавказаг автомагистралыл 3 июны 11.00 сахатæй архайы тобæ алы хуызы автотранспорты змæлдæн сæрмагонд барамынды онг. Цхинвал-Дзæуджыхъæу трассæйы 55-æм километрыл (цæрæн пункт Ручъы районы) уагъд цæудзысты куыстытæ, цæмæй æркалой дуртæ", - банысан кодтой уагдоны.
Транскам у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ. Цӕуы хӕхты астӕу, йӕ дӕргъ - 164 километры.