Дзæуджыхъæуы ацыд æрмдæсныты равдыст "Hikond"

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 июн – Sputnik. Цæгат Ирыстоны столицæйы ацыд сæрибар æрмдæсныты армукъа-равдыст "Hikond".

"Æрмдæснытæ бавдыстой националон стилы дарæс, фæлындæнтæ, натуралон кæрдæджытæй косметикæ æмæ æндæртæ", - хъусын кæны "15 Регион".

"Hikond" ахъаз у сфæлдыстадон фæсивæды райрæзтæн æмæ бæтты уæйгæнджытæ æмæ æлхæнджыты, æххуыс кæны фæсивæдæн реализаци кæнын сæ продукци. Фæзуат ма уникалон у уымæй, æмæ æрбаиу кодта профессионалонтæ æмæ хæдахуыр æрмдæсныты.
Платформæйы аразджытæ сты сфæлдыстадон лаборатори "Портал"-ы коллектив, кæцыйы фæзуатыл æрвылаз уагъд цæуы армукъа.