Украинæйаг националисттæ спырх кодтой Северский Донец цæугæдоны сæрты хид

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik. Украинæйаг æфсæдтæ ныууагътой техникæ æмæ алыгъдысты Святогорскæй, фæлæ сæ уый аразын хъыгдардтой националистон къордтæ, фехъусын кодта Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады минæвар Игорь Конашенков.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы нысанæн националон къордтæ спырх кодтой хид Северский Донец цæугæдоны сæрты.

"Уæрæсейаг дæлхайæдты размæбырсты фæстиуæгæн Украинæйы Гарзджын тыхты 95-æм десантон-штурмон бригадæ æмæ хицæн аэромобилон бригадæйы батальонтæй ма чи баззад, уыдон ныууагътой сæ техникæ æмæ хæцæнгарз æмæ алыгъдысты сæ позицитæй", - радзырдта инæлар-майор.

Уый банысан кодта, 80 онг украинæйаг æфсæддоны аленк кодтой цæугæдоны уылты, уыдоны хъавгæ æхст нæ кодтой.
Афтæ ма Игорь Конашенков æрсидт æфсæддонтæ æмæ Украинæйы территориалон хъахъхъæнынады дæлхайæдтæм æруромын ацы ныхмæлæуд, цæмæй бавæрой сæ цæрдтæ.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Украинæйы æфсад æхсы Донецк америкæйаг хæцæнгарзæй – Пушилин