Хуссар Иры УУМ æмæ МХМ ауадздзысты рейдтæ доны объектты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрад (УУМ) æмæ Мидхъуыддæгты министрад (МХМ) нывæндынц ауадзын рейдтæ республикæйы доны объектты. Уый тыххæй дыццæджы хъусын кæны Хуссар Ирыстоны УУМ пресс-службæ.
"УУМ кусджытæ уадздзысты профилактикон ныхас улæфджытимæ, афтæ ма сæвæрдзысты найыны бынæтты доны æдасдзинады фæтктæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уæлвæткон уагдоны ма зæрдыл æрбалæууын кодтой сæрдыгон период улæфджыты хи дарыны фæтктæ. Уыдон нымæцы, сывæллæттæн нæй гæнæн æнæ хистæр адæмæй лæууын доны цур æмæ найын.