ЦХИНВАЛ, 8 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан ӕртыццӕджы бавдыста парламентмӕ Джуссойты Константины кандидатурӕ хицауады сӕрдары бынатмӕ, хъусын кӕны бӕстӕйы сӕргълӕуӕджы пресс-службӕ.
"Республикӕйы Конституцийы 50-ӕм статьяйы фӕндзӕм пунктмӕ гӕсгӕ ӕрвитын парламенты ӕркастмӕ Джуссойты Константин Хасаны фырты кандидатурӕ Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдары бынатмӕ", - дзырдӕуы президенты фыстӕджы закондӕттӕг органы спикер Тадтаты Аланмӕ.
Раздӕр куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй депутаттӕн ис иу къуыри ӕмгъуыд Джуссойты Константины кандидатурӕмӕ ӕркӕсынӕн.
Биографион справкӕ:
Джуссойты Константин райгуырд 1967 азы 23 ноябры.
1989 азы каст фӕцис ГПИ цхинвайлаг филиал, райста дӕсниад "Технология металлорежущих станков и инструментов".
1993 - 2011 ӕзты – арӕзтадон компани "Приличный"-ы генералон директор.
2011 азӕй абоны онг –арӕзтадон компании "Мегаполис"-ы генералон директор.
Ис ын ӕмкъай ӕмӕ иу чызг.