Гаглойты Алан ссæрибар кодта сæ бынæттæй Хуссар Иры ПÆК сæргълæууæджы дыууæ хæдивæджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан ссæрибар кодта йæ бынатæй РХИ Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг инæлар-майор Хуыбиаты Владимиры. Барамынд ныммыхуыр кодтой паддзахады сæргълæууæджы сайтыл.
Президент ма ноджы иу барамындæй ссæрибар кодта йæ бынатæй ПÆК сæргълæууæджы æндæр хæдивæг – инæлар-майор Гулиты Василийы.
Дыууæ барамынд дæр сæ тыхы бахызтысты 10 июнæй.
Хуыбиаты Владимир куыста ПÆК сæргълæууæджы хæдивæджы бынаты 2017 азы декабрæй фæстæмæ.