ЦХИНВАЛ, 10 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрады сӕйраг хӕс - закондӕттынад баххӕст кӕныныл куыст, загъта уагдоны ног сӕргълӕууӕг Гаглойты Олег.
Президент Гаглойты Алан бон раздӕр бафыста барамынд Гаглойты Олегы юстицийы министрӕй снысан кӕныны фӕдыл. Ацы бынаты уый раивта Лалыты Зӕлинӕйы, кӕцы ацыд отставкӕйы республикӕйы къухдариуӕгады раивды фӕстӕ.
"Мӕн снысан кодтой Хуссар Ирыстоны юстицийы министрӕй. Фыццаг рады бузныг зӕгъын президентӕн йе 'ууӕнчы тыххӕй ӕмӕ мӕ бон цы у, уый араздзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Юстицийы министрады сӕйраг хӕс у закондӕттынад баххӕст кӕныныл куыст. Мӕхӕдӕг дӕр иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фыстон ӕмӕ нӕ дзырдтой уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ архайдзӕн уавӕр фӕхуыздӕр кӕныныл", - ныффыста ног министр йӕ Telegram-каналы.
Уый ма зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ивгъуыд азӕй фӕстӕмӕ юстицийы министрады бӕрны кӕй ис паддзахадон службӕ ӕрнывыл кӕныны куыст. Министры хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы къабазы ис тынг бирӕ проблемӕтӕ ӕмӕ баххӕстгӕнинӕгтӕ, кӕцытимӕ ӕрвылбон дӕр ӕмбӕлынц паддзахадон органты кусджытӕ.
"Иу дзырдӕй, куысты фронт йӕ проблемӕтимӕ иууылдӕр ӕмбӕрстгонд у, ӕмӕ къаннӕг нӕу. Коллективы фылдӕримӕ зонгӕ дӕн ӕмӕ, мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, нӕ разы лӕугӕ хӕстӕ скъуыддзаг кӕнын нӕ къухты бафтдзӕн", - бафтыдта Гаглойты Олег.
Хуссар Ирыстоны нысан цӕуы хицауады ног сконд, раздӕры министртӕ ацыдысты отставкӕйы президентон ӕвзӕрстыты Гаглойты Аланы фӕуӕлахизы фӕстӕ. Цыппӕрӕмы ма президент снысан кодта мидхъуддӕгты министрады ног сӕргълӕууӕджы дӕр - уый ссис Гӕззаты Валерий.
Уымӕй дарддӕр ма парламенты ӕркастмӕ бавдыстӕуыд Джуссойты Константины кандидатурӕ хицауады сӕрдары бынатмӕ.