Хуссар Иры президент раивта Æдасдзинады Советы секретары

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан снысан кодта Плиты Анатолийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Æдасдзинады Советы секретарæй.
Абон ма Гаглойты Алан йæ барамындæй ссæрибар кодта йæ бынатæй Уалыты Валерийы, кæцы абоны онг уыд республикæйы Æдасдзинады Советы секретарь.
Барамындтæ мыхуыргонд æрцыдысты паддзахады сæргълæууæджы сайтыл æмæ сæ тыхы бацыдысты абонæй.