Киев ракуырдта гуманитарон къæлидор граждайнæгты рахизынæн "Азот"-æй. ХМ дзуапп

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 июн – Sputnik. Киев ракуырдта гуманитарон къæлидор граждайнаг гоймæгты рахизынæн Северодонецкы комбинат "Азот"-æй Лисичанскы рдæм, кæцы ис украинæйаг æфсæдты къухдариуæгады бын. Фæлæ ахæм къæлидор сорганизаци кæнынæн фадат нæй, уымæн æмæ украинæйаг æфсæддонтæ сæхæдæг спырх кодтой иунæг хид Северский Донец цæугæдоны сæрты, фехъусын кодта дыццæджы Уæрæсейы гуманитарон хъуыддæгты фæдыл Æхсæнуагдонон координацион штабы разамонæг, УФ хъахъхъæнынады фæткдаруаты Национ центры хистæр, инæлар-булкъон Михаил Мизинцев.
"Украинæйаг фарс нæм бадзырдта, цæмæй сорганизаци кæнæм гуманитарон къæлидор граждайнаг гоймæгты эвакуацийæн Северодонецкы химикон комбинат "Азот"-æй горæт Лисичанскы территоримæ, кæцы ис Киевы къухдариуæгады бын", - хъусын кæны Мизинцевы ныхæстæ РИА Новости.
Инæлар фехъусын кодта, зæгъгæ, граждайнаг гомæгты æдас рахызт Лисичанскы рдæм нæй гæнæн сорганизаци кæнын, уымæн æмæ 13 июны украинæйаг æфсæддонтæ спырх кодтой иунæг хид Северский Донец цуæгæдоны сæрты Лисичанскы рдæм.
"2022 азы 13 июны украинæйаг æфсæддонтæ кæй спырх кодтой иунæг хид Северский Донец цуæгæдоны сæрты Лисичанскы рдæм, уый тыххæй ацы æхты æдас эвакуаци саразынæн фадат нæй", - бахахх кодта Михаил Мизинцев.