ЦХИНВАЛ, 14 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Миграцион службӕйы разыдзинадӕй цӕры фӕсарӕйнаг бӕстӕты 411 минӕвары. Уыдонӕн сӕ фылдӕр Ирыстонмӕ ӕрцыдысты куыстагур, фехъусын кодта Sputnik службӕйӕ разамонӕг Зӕгъойты Константин.
Миграцион службӕ дыццӕджы, 14 июны нысан кӕны йӕ бындурӕвӕрды бон. Sputnik бацымыдис кодта уагдоны куыстмӕ.
Зӕгъойты Константин бамбарын кодта, Хуссар Ирыстонмӕ ӕндӕр бӕстӕты цӕрджытӕ цавӕр амӕлттӕй ӕрбацӕуынц, уый фӕтк.
"Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕ чи не сты, уыдон республикӕмӕ ӕрцӕуынӕн хъӕуы хуынды гӕххӕттытӕ. Кӕд куысты фӕдыл цӕуы, уӕд куыстуатӕй, кӕд туристон балцы цӕуы, уӕд та фысымӕй", - бафтыдта уый.
Разыдзинад ӕрцӕуыны тыххӕй лӕвӕрд цӕуы ӕртӕ мӕйы ӕмгъуыдмӕ.
"Мах исӕм хуынды гӕххӕттытӕ, цӕмӕй фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгтӕ ӕрцӕуой ӕмӕ сын бар раттӕм кусынӕн. Ныридӕгӕн республикӕйы ис 411 мигранты, уыдонӕй 242 сты Таджикистаны минӕвӕрттӕ, Узбекистаны - 104, сомихӕгтӕ - 21 ӕмӕ Азербайджайнӕгтӕ та сты 42", - ранымадта службӕйы хистӕр.
Зӕгъойты Константин ма банысан кодта, фӕстаг ӕзты мигрантты нымӕц зынгӕ кӕй фӕкъаддӕр ис пандемийы аххосагӕй.