ЦХИНВАЛ, 15 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны натуралистты куыст ивгъуыд рӕстӕджы стыр ахъаз уыд хъӕууон хӕдзарады размӕцыдӕн. Уыдон кодтой фӕлварӕн куыст ӕмӕ сӕ фӕстиуджытӕ дӕттой хъӕууон хӕдзарады министрадӕн, радзырдта Sputnik Хуссар Ирыстоны ӕвзонг натуралистты станцы хистӕр Мӕргъиты Ирбег.
Хуссар Ирыстоны ӕвзонг натуралисттӕ ӕртыццӕджы нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон. 1918 азы 15 июны Уӕрӕсейы байгом сты ӕвзонг натуралистты станцӕтӕ.
"Натуралистты фӕрцы бӕрӕг цыд, цы зайӕгойтӕ зайынц хуыздӕр Хуссар Ирыстоны территорийыл", - бафиппайдта Мӕргъиты Ирбег.
Хуссар Ирыстоны ӕвзонг натуралистты станц та йӕ истори кӕны 1957 азӕй. Уӕд фыццаг уый куыста Автовокзалы цӕгат-ныгуылӕн фарс.
"Хуссар Ирыстоны цалынмӕ станц нӕ фӕзынд, уӕдмӕ скъолаты фӕзынд кружоктӕ, кӕцытӕ кодтой ӕвзонг натуралистты куыст - хъомыл кодтой бӕллӕттӕ, уардийы хицӕн хуызтӕ", - радзырдта станцы хистӕр.
Ныридӕгӕн ахуырадон уагдоны дӕлбар кусы 20 кружокы, ахуырдзауты нымӕц у 400.
"Ныр дӕр кӕнӕм фӕлварӕн куыст, уагътам экологикон акцитӕ. Цалдӕр азы размӕ сӕвӕрдтам фӕлварӕнтӕ, нӕ бӕстӕйы уырыдзыйы хуызтӕй хуыздӕр тыллӕг чи хӕссы, уый базоныны фӕдыл. Стӕй ахӕм иртӕстытӕ сарӕзтам хъӕдындзӕн дӕр", - бахахх кодта уый.
Мӕргъиты Ирбег ма банысан кодта, ӕвзонг натуралистты станц кӕй бахъахъхъӕдта бирӕ хорз традицитӕ советон дугӕй.
"Советон рӕстӕджы нӕм уыд метрологийы службӕ. Цыппар азы размӕ та йын сног кодтам йӕ куыст. Мах бӕрӕг кӕнӕм, цахӕм аз скӕндзӕн, мӕй къӕвдаджын уыдзӕн ӕви нӕ. Уымӕн хорз нысаниуӕг ис хъӕууон хӕдзарады", - балхынцъ кодта Мӕргъиты Ирбег.