Украинæйы Гарзджын тыхтæ фехстой уадзæн пункт Уæрæсейы Курскы областы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 июн – Sputnik. Уæрæсейы Курскы областы губернатор Роман Старовойт фехъусын кодта йæ Telegram-каналы, Украинæйы Гарзджын тыхтæ кæй фехстой уадзæн пункт "Крупец".
Æхстыты рæстæджы зианбаййафджытæ æмæ фехæлдтæ нæй. Уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ фæстæмæ фехстæй скуынæг кодтой ныхмæлæууæджы æхсыны бынат.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ скуынӕг кодтой 350 фылдӕр украинӕйаг националисты ӕмӕ ӕхсӕз "Град"-ы