Херсоны областы 24 февралӕй фӕстӕмӕ райгуыргӕ сабитӕ ӕнӕкъуыхцыйӕ исдзысты УФ ӕмбӕстагад

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 июн — Sputnik. Херсоны областы ӕфсӕддон-граждайнаг администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Кирилл Стремоусов фехъусын кодта, зӕгъгӕ, 24 февралӕй фӕстӕмӕ областы цы сывӕллӕттӕ райгуырдис, уыдон автоматикон ӕгъдауӕй райсдзысты Уӕрӕсейы Федерацийы ӕмбӕстагад.

"Сывӕллӕттӕ, кӕцытӕ райгуырдысты 24 февралӕй фӕстӕмӕ Херсоны областы, автоматикон ӕгъдауӕй райсдзысты Уӕрӕсейы Федерацийы ӕмбӕстагад. Уыдонимӕ иумӕ ма сидзӕр сабитӕ дӕр регистрацигонд цӕудзысты, куыд уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгтӕ", - хъусын кӕны Стремоусовы ныхӕстӕ РИА Новости.

Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Сӕрмагонд операцийы фӕлгӕтты уӕсейаг ӕфсӕддонтӕ бацахстой Херсоны область ӕмӕ Запорожаг областы азовгӕрон хай. Регионты арӕзт ӕрцыдысты ӕфсӕддон-ӕмбӕстагон администрацитӕ, ӕвдисын сӕм райдыдтой уӕрӕсеаг тедеуынында ӕмӕ ӕндӕр ДИФ, ӕндидзын кӕнынц базарадон ахастытӕ Хъырымимӕ.