ЦХИНВАЛ, 17 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны хӕтӕлон интернет "Юг-Телеком" йӕ куыст сӕндидзын кодта республикӕйы ӕппӕт территорийыл, фехъусын кодтой Sputnik компанийы.
"Нӕ цӕст дарӕм ӕппӕт адрестӕм дӕр, фылдӕр бӕрцӕй кусынц. Республикӕйы территорийыл скуыста интернет. Проблемӕтӕ ма кӕмӕн уа, уыдон хъӕуы бадзурын техслужбӕмӕ", - загътой уагдоны.
Интернеты куыст ӕрлӕууыд цыппӕрӕмы боны дыууӕ сахатмӕ ӕввахс. Уӕд уагдоны бамбарын кодтой, авари кӕй 'рцыд Алагир ӕмӕ Зӕрӕмӕджы ӕхсӕн.
Хӕтӕлон интернет "Юг-Телеком"-ы лӕггӕдтӕй пайда кӕнынц Хуссар Ирыстоны столицӕ ӕмӕ ӕввахс хъӕуты.