Хуссар Ирыстоны хъӕутӕй иуы ссардтой гранатӕ ӕмӕ нӕмгуытӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 июн — Sputnik. Цхинвалы районы Присы хъӕуы ссардӕуыд схъисджын гранатӕтӕ Ф-1 ӕмӕ автомат Калашниковы нӕмгуытӕ, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады пресс-службӕ.
"Къуырисӕры, 9.40 сахатыл Хусар Ирыстоны УУМ фехъусын кодтой, Присы хъӕуы кӕй ссардтой гранатӕтӕ Ф-1 ӕмӕ Калашниковы автоматы нӕмгуытӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уӕлвӕткон уагдоны банысан кодтой, ссарӕггӕгты бынатмӕ кӕй ацыдысты УУМ сапертӕ. Уыдон раластой хӕстӕрмӕджытӕ скуынӕг кӕнынмӕ.