Уæрæсейаг æфсæддонтæ иу суткæмæ скуынæг кодтой 450 националисты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 июн — Sputnik. Уæрæсейаг æфсæддонтæ иу суткæмæ скуынæг кодтой 450-æй фылдæр националисты, 13 танк æмæ æндæр хæстон хæдтулгæйы, афтæ ма 16 сæрмагонд хæдтулгæйы, хъусын кæны РИА Новости.
"Авиаци, ракетон æфсæдтæ æмæ артиллерийы цæфты фæстиуæгæн скуынæг кодтой 450 националисты, 13 танк æмæ æндæр хæстон хæдтулгæйы, афтæ ма 16 сæрмагонд хæдтулгæйы", - дзырдæуы Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады брифингы.
Уымæй дарддæр ракетон æфсæдтæ æмæ артиллери иу суткæмæ скуынæг кодтой Украинæйы Гарзджын тыхты удæгас тыхтæ æмæ хæстон техникæйы æмбырдуаты 148 районы, 25 фæткдаруаты пункты, афтæ ма 59 артиллерион дæлхайады сæ æхсыны позициты.
УФ хъахъхъӕнынады министрад равдыста Украинӕйы операцийы рӕстӕджы "Ураган"-ы куысты видео
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 208 хӕдтӕхӕджы, 132 вертолеты, 1260 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 345 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 3696 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 576 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 2055 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 3731 иуӕджы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.