Икъортайы аргъуан у Хуссар Ирыстоны уникалон цыртдзæвæнтæй сæ иу. Арæзтад лæууы арæнгæрон, Цхинвалы горæтæй 35 километры бæрц. Аргъуанмæ цы фæндаг цæуы, уый у диссаджы рæсугъд, уæлдайдæр фæззæджы. Уыцы рæстæджы фæндаггæрон цы хъæд ис, уый бур сыфтæрæй сахуры æрдз, æрмæст æнусон цъæх мохъо бæлæстæ нæ ивынц сæ дарæс.
Икъортайы дзуар арæзт æрцыд 1172 азы. Цалдæр æнусы ардæм сæхи бафæдзæхсынмæ цыдысты æлдарæй хуымæтæг лæджы онг, сылгоймагæй, нæлгоймагӕй.
Аргъуан лæууы фæз бынаты, йæ цуры къуылдымыл та ис рангон мæсыджы пырхæнтæ. XVI-XVII æнусты аргъуаны уыд моладзандон, аргъуан йæхæдæг та ссис чысаны эрыстауты ингæн.
Икъортайы аргъуан у иууыл рагондæр чырыстон, къуырф æмæ тымбыл цар кæмæн ис, ахæм кувæндон. Аргъуан сарæзтой чысаны эрыстаутæ, уыдон уыдысты сидамонтæй, ирон паддзахты фæдонтæ, æрцардысты Чысангомы, æмæ сын лæвæрд æрцыд æлдæртты титул.