Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ ӕрбаиу кӕныны фарсты ӕвӕрд у юридикон казус, загътой Кремлы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 июн – Sputnik. Уӕрӕсейы президенты пресс-секретарь Дмитрий Песков фехъусын кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ ӕрбаиу кӕныны фарсты ӕвӕрд у юридикон казус, кӕцыйы нырма хъӕуы равзарын, фыссы РИА Новости.
"Мах дзырдтам, уым фарст у ахӕм - "баиу кӕныны тыххӕй, афтӕ ӕвӕрд ӕрцыд. Ам ис цавӕрдӕр юридикон казус. Уымӕ гӕсгӕ йӕ ӕвӕццӕгӕн хъӕуы равзарын. Уӕрӕсе искӕимӕ куыд хъуамӕ ӕрбаиу уа", - загъта Песков журналисттӕн ӕмӕ банысан кодта, зӕгъгӕ, "нӕ коллегӕтӕ уый сӕхӕдӕг хъуамӕ аскъуыддзаг кӕной ӕмӕ равзарой".
Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы скондмӕ бахизыны фӕдыл референдум 17 июля ауадзыны тыххӕй барамынд бафыста республикӕйы раздӕры президент Бибылты Анатолий. Фӕстӕдӕр архайгӕ президент Гаглойты Алан ӕрурӕдта барамынды архайд Мӕскуыимӕ консультацитӕ ауадзыны фӕдыл.
Хуссар Иры бакусдзысты Уæрæсейы скондмæ бахизыны референдумы ног фарстыл