Хъырым бакодта интеграцион проекттӕ Херсоны ӕмӕ Запорожаг облӕсттимӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 июн – Sputnik. Хъырымы ӕдзухон минӕвар Уӕрӕсейы президенты цур, регионы хицауады сӕрдары хӕдивӕг Георгий Мурадов фехъусын кодта Херсоны ӕмӕ Запорожаг облӕсттимӕ интеграцион проекттӕ срӕвдз кӕныны тыххӕй.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, регионты хсӕн ныридӕгӕн ис ӕнгом базарадон-экономикон бастдзинӕдтӕ, сӕндидзын кодтой автомобилон ӕмӕ уӕзласӕн транспортон бастдзинад. Ныртӕккӕ скъуыддзаг цӕуы пассажирон автобусон ӕмӕ ӕфсӕнвӕндагон бастдзинад бакӕныны фарст дӕр.
"Транспортон магистральты сырӕзт фӕахъаз уыдзӕн ссӕрибаргонд территоритӕ ӕнӕкъуыхцытӕй хӕлцадӕй, медикаменттӕй ӕмӕ гуманитарон ӕххуысӕй ифтонг кӕнынӕн. Афтӕ ма сфидар кӕндзӕн ӕхсӕнрегионалон бастдзинӕдтӕ алыгъуызон къабӕзты", - хъусын кӕцы чиновникы ныхӕстӕ РИА Новости.
Сӕрмагонд операцийы фӕлгӕтты уӕсейаг ӕфсӕддонтӕ бацахстой Херсоны область ӕмӕ Запорожаг областы азовгӕрон хай. Регионты арӕзт ӕрцыдысты ӕфсӕддон-ӕмбӕстагон администрацитӕ, ӕвдисын сӕм райдыдтой уӕрӕсеаг телеуынынад ӕмӕ ӕндӕр ДИФ, сӕндидзын кодтой базарадон ахастытӕ Хъырымимӕ. Дыууӕ регион дӕр фехъусын кодтой, кӕй тырнынц Уӕрӕсейы скондмӕ бахизынмӕ.
Херсоны областы 24 февралӕй фӕстӕмӕ райгуыргӕ сабитӕ ӕнӕкъуыхцыйӕ исдзысты УФ ӕмбӕстагад
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.