Хуссар Иры фæстаг хæрзбон загътой бархионæн, кæцы фæмард Донбассы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 июн - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны фæстаг хæрзбон загътой Козаты Владимирæн (Хитор), кæцы фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы Украинæйы.
Граждайнаг панихидæ ацыд æртыццæджы Цхинвалы. Фæмардуæвæджы бинонтæн тæфæрфæс ракæнынмæ æрбацыдысты сæдæгай адæм, сæ нымæцы хицауад æмæ парламенты уæнгтæ, тыхон структурæты разамонджытæ.
Хуссар Иры фæстаг хæрзбон загътой бархионæн, кæцы фæмард Донбассы
Козаты Владимир фæмард 7 марты, фæлæ йын йæ мæрдон буар бантыст æрласын фыдыбæстæмæ æрмæстдæр ныр. Бархионы бавæрдтой æхгæд чырыны.
"Уый райгуырд æмæ схъомыл ам, уыд алкæмæндæр хорз æмгар. Иууылдæр æй уарзтой. Скъолайы фæстæ, 16 азы кары, уый бацыд службæмæ Хъахъхъæнынады министрадмæ. Уæд райдыдта йæ хæст дæр. Фыццаг рæстæг æм хæцæнгарз дæр нæ уыд. Уый фæстæ йæ службæ адарддæр кодта Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды (МСНК)" – радзырдта МСНК ветеран Козаты Дзамболат.
Уый ма бахахх кодта, зæгъгæ, Владимир нæ бамбæхст, Донбассы адæмы æххуыс куы бахъуыд, кæцыты уый хъахъхъæдта 2014 азæй фæстæмæ.
Хуссар Иры фæстаг хæрзбон загътой бархионæн, кæцы фæмард Донбассы
Хъахъхъæнынады министр Пухаты Владимир банысан кодта, Козаты Владимир кæй уыд Ирыстоны хъахъхъæнæг, кæцы йæ цард радта куыд хъайтар, æмæ ахæм адæм хъуамæ æнустæм баззайой адæмы мысæны.
Президенты барамындæй Козаты Владимиры схорзæхджын кодтой майданæй "Фыдыбæстæ хъахъхъæнæгæн".
Козаты Владимирыл цыд 34 азы, æнæ фыдæй баззад 12-аздзыд чызг.
Хуссар Иры фæстаг хæрзбон загътой бархионæн, кæцы фæмард Донбассы