Гаглойты Алан тӕфӕрфӕс ракодта Алексей Востриковы амӕлӕты фӕдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 июн - Sputnik. Президент Гаглойты Алан ратӕфӕрфӕс кодта Уӕрӕсейы Гарзджын тыхты булкъон, Хуссар Ирыстоны Кады Ордены кавалер, Цхинвалы цытджын ӕмбӕстаг Алексей Востриковы хиуӕттӕн ӕмӕ ӕввахс адӕмӕн йӕ амӕлӕты фӕдыл.
Республикӕйы сӕргълӕууӕг банысан кодта, Востриков кӕй уыд ӕцӕг уырыссаг офицер, патрион, ӕхсарджын адӕймаг, кӕцы йӕ цард ӕнӕхъӕнӕй снывонд кодта йӕ бӕстӕ ӕмӕ йӕ адӕмӕн.
Алексей Востриков: Ми-24 фехста гуырдзиаг танк ӕмӕ ӕвиппайды уавӕр фӕсабыр
Гаглойты Алан бахахх кодта, зӕгъгӕ, Алексей Востриковы сгуыхтдзинӕдтӕ, кӕцытӕ уый равдыста Хуссар Ирыстоны йӕ службӕйы рӕстӕджы, цӕрӕмбонтӕм уыдзысты республикӕйы цӕрджыты зӕрдӕты.
"Гуырдзиаг - ирон хӕсты рӕстӕджы 1991-1992 ӕзты лексей Никитайы фырт уыд гуырдзиаг хотыхджын дӕлхайӕдты раз, кӕцытӕ ӕфхӕрдтой сабыр цӕрджыты, ӕнӕфӕцудгӕ цӕлхдур", - дзырдӕуы президенты тӕфӕрфӕсы телы.
Востриковы амӕлӕты фӕдыл ма тӕфӕрфӕстӕ арвыстой Хуссар Иры хицауады сӕрдар Джуссойты Константин ӕмӕ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры х.ӕ. Медойты Дмитрий.
Алексей Востриков уыд вертолетон полчы командӕгӕнӕг, кӕцы 80-ӕм ӕзтӕй 1992 азы онг уӕвынад кодта Цхинвалы цур. Уый размӕ та хайад иста Афганистаны хӕсты. Уый тынг ӕххуыс кодта Хусар Ирыстоны цӕрджытӕн, арӕзта ӕппӕт дӕр сӕ ӕдасдзинады тыххӕй.